филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:59 вторник, 03 ноября 2026
07 июля 2021, 11:37
Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегимæ

Ныхас цыди туристтæн æмбæлгæ уавæртæ аразыны фарстатыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыди туризмы комитеты сæрдар Хъодзаты Зауырбегимæ. Ныхас цыди туристтæн æмбæлгæ уавæртæ аразыны фарстатыл. Туристон маршруттыл дзургæйæ, Сергей Меняйло бахæс кодта, фыццаджыдæр маршрутты æркæсинаг хæйттæ сбæлвырд кæнын, стæй фæндæгтыл аккаг сервисы рæзтыл бакусын. Туристтæн хъуамæ уа зæрдæмæдзæугæ фадæттæ сæ фæлладуадзынæн.  Ныхас цыди национ проект «Туризм æмæ уазæгуарзон индустрийæ» царды рауадзыныл. Нысанмæ гæсгæ фидаргонд æрцæудзæн 2030-æм азы онг. Туристон къабаз Цæгат Ирыстонæн у, бæллиццаг фидæн кæмæ æнхъæлмæ кæсы, ахæмтæй иу. Республикæйы районты фидаргонд æрцыдысты 36 информацион щиты, фыст дзы ис  хицæн бынæтты хи дарыны æмæ уæлæдарæсы  фæтк. Сæ фæрцы туристтæ æнæ гидæй объекты тыххæй базондзысты хъæугæ информаци. Уымæй уæлдай, нæ республикæйы æвæрд æрцыди 10 арт-объекты, ирдæй дзы зынынц национ æууæлтæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ивгъуыд азы Цæгат Ирыстон бабæрæг кодтой 250 мин адæймаджы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania