филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:32 вторник, 30 апреля 2024
17 апреля 2024, 19:52
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд коррупцийы ныхмæ къамисы æмбырд

Мадзал баст уыд бюджетон къабазы оперативон службæйы архайды хатдзæгтимæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд коррупцийы ныхмæ къамисы æмбырд. Мадзал баст уыд бюджетон къабазы оперативон службæйы архайды хатдзæгтимæ. Стыр æргом аздæхтой национ проекттæм æмæ паддзахадон программæтæм. Æмбырды райдиан Сергей Меняйло се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта, нысанмæ ахуырады бынæтты фарстайыл бакусын кæй хъæуы, цæмæй дзы коррупцийы цаутæ ма цæуа, уый тыххæй. Уымæй дарддæр уæлдай æргом аздахын хъæуы паддзахадон æмæ муниципалон разамынды къабазмæ. Ивгъуыд аз республикæйы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады администрацийы бакуыстой стыр куыст кадртæ цæттæ кæныны хъуыддаджы. Ахæм мадзæлтты сæйраг нысан у – бахъуаджы рæстæг æвæстиаты уынаффæтæ хæссын, æмæ аиппытыл кусын. Æмбырды ма ныхас цыд  Цæгат Ирыстоны паддзахадон оргæнты коррупцион æмæ æндæр барадхæлдтыты профилактикæйыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania