филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:35 пятница, 03 мая 2024
21 сентября 2021, 12:37
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд наркотикты ныхмæ къамисы æмбырд

Метадоны æнæзакъон зилдух стыр тæссагдзинад у нæ республикæйы цæрджытæн

Метадоны æнæзакъон зилдух стыр тæссагдзинад у нæ республикæйы цæрджытæн – ахæм хъуыды Сергей Меняйло загъта наркотикты ныхмæ къамисы æмбырды. Фехъусын дзы кодтой сæрмагонд лабораторийы статистикæйы бæрæггæнæнтæ дæр – уыдонмæ гæсгæ нæ республикæйы наркотикты аххосæй се нæниздзинад кæмæн фæцудыдта, уыдонæн сæ фылдæр пайда кодтой метадонæй. Республикæйы разамонæг бæрнон ведомствæтæн бабар кодта, цæмæй бацархайой уыцы уавæр аивыныл. Уый тыххæй та хъæуы, нæ республикæмæ метадон цы хызтыл цæуы, уыдон æрæхгæнын. Мидхъуыддæгты министрады наркотиты æнæзакъон зилдухы ныхмæ управленийы разамонæг Хынцæгты Нодар куыд загъта, афтæмæй нæ республикæйы наркотикты æнæзакъон зилдухимæ баст фыдракæндтæ фæкъаддæр сты 19 проценты. Аст æнæхъæн æмæ цыппар дæсæм хай проценты фæкъаддæр сты наркотиктимæ баст уæззау фыдракæндтæ, наркотикты базарад та фæкъаддæр æртындæс æнæхъæны æмæ аст дæсæм хай проценты. Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз барадхъахъхъæнджытæ байстой дыууæ хатты фылдæр наркотиктæ æмæ расыггæнæн хостæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania