2025-æм аз уæрæсейæгтæн у тынг ахсджиаг — 9-æм майы нæ бæстæйы сбæрæг кæндзысты Стыр Уæлахизы 80 азы бон
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд организацион комитет «Уæлахиз»-ы ацы азы фыццаг æмбырд. 2025-æм аз уæрæсейæгтæн у тынг ахсджиаг — 9-æм майы нæ бæстæйы сбæрæг кæндзысты Стыр Уæлахизы 80 азы бон. Уымæ гæсгæ ацы аз снысан кодтой Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азæй. Нæ сæйраг нысан у бæлвырд æмæ ахсджиаг мадзæлттæ саразын. Уыдонмæ цæттæ кæнын хъæуы рагацау, стæй æдасдзинады мадзæлттыл бакусын — загъта регионы разамонæг. Бæрæгбоны мадзæлтты пъланыл æрдзырдта хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæ. Республикæйы цæрджытæ бацархайдзысты куыд уæрæсейаг, афтæ республикон акциты дæр. Культурæйы министрады хъæппæрисæй ацæудзысты алыхуызон квесттæ æмæ равдыстытæ, бæрæгбоны концерттæ, литературон-музыкалон изæртæ. Сергей Меняйло бæрнон кусджытæн бабар кодта æппæт фарстатыл лæмбынæг бакусын.




