филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:53 понедельник, 06 мая 2024
24 апреля 2024, 12:30
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Ныхас дзы цыд – республикæйы территорийы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Ныхас дзы цыд – республикæйы территорийы национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, ууыл. Æмбырды архайдтой министртæ æмæ муниципалитетты разамонджытæ. Национ проекттæ æххæст кæныны Управленийы хицау Дзарасаты Марат куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы аз контракттæ бафыссыны аргъ у 6 миллиарды æмæ 900 милуан сомы. Абоны онг контракттæ фыст æрцыд  79,9%. Фæрæзтæн сæ дзæвгар хай радих кодтой национ проекттæ: «Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгтæ», «Демографи». Уымæй дарддæр ацы аз арæзт æрцæудзысты, рацараздзысты æмæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, культурæйы, спорты æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады объекттæ. Сергей Меняйло се ппæты ргом аздæхта, национ проекттæ куыд æххæстгонд цæуынц, уымæ бæстон цæстдард хъуамæ кæй цæуа, æмæ куыстыты хæрзхъæддзинад дæр æмбæлгæ уагыл хъуамæ кæй уа.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania