филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:34 среда, 01 мая 2024
11 января 2024, 13:09
Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ республикон къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд

Сæ ахсджиагдæртæ – ведомствоты хсæн æмархайд, нациты æмæ дины организациты ахастдзинæдты фæдыл

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы разамындæй арæзт æрцыд терроризмы ныхмæ республикон къамисы æмæ Оперативон штабы æмбырд. Боны фæткмæ рахастой цалдæр фарстайы. Сæ ахсджиагдæртæ – ведомствоты хсæн æмархайд, нациты æмæ дины организациты ахастдзинæдты фæдыл. Æрдзырдтой ма æхсæнадон-политикон, спортивон æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæм цæттæ кæныны хъуыддагыл. Регионы разамонæг се ппæты ргом аздæхта, Уæрæсейы Президенты æвзæрстыты агъоммæ куыд ахсджиаг у сабырдзинады фарстатыл бакусын, экстремизмы æмæ терроризмы фæзындтытæ не руадзын. Фылдæр кусын хъæуы фæсивæдимæ, уыимæ Интернет-ресурстæй пайда кæнгæйæ. Æвзарæн кампанийы æмæ æндæр дзыллон мадзæлтты рæстæг, царды уадздзысты терроризмы ныхмæ проекттæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады пъæлицæйы хицауы хæдивæг Агънаты Уырызмæг. Æмбырды кæронбæттæн бæрнон кусджытæн лæвæрд æрцыд бæлвырд амынддзинæдтæ, нæ регионы æдасдзинад бахъахъхъæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania