филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:12 пятница, 17 мая 2024
24 июля 2023, 11:42
Шахмæтæй турнир ацыд республикæйы куырм адæмы æхсæнады залы

Мадзал сбастой шахмæтты æппæтадæмон бонимæ

Шахмæтæй турнир ацыд республикæйы куырм адæмы æхсæнады залы. Мадзал сбастой шахмæтты æппæтадæмон бонимæ. Архайдтой дзы республикæйы æппæт районтæй 17 æхсæнадон уæнгы. Уыдон – куырм, æмæ æвзæр чи уыны, уыцы адæм. Турнир саразыны хъæппæрис разынд парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæм. Хуыздæр шахматисты базондзысты æппæтуæрæсеон спортивон марафон «Уæрæсейы тых»-ы фæлгæты. Архайджытæ сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй кæд 1-аг бынат сæйраг нæу, уæддæр æм иууылдæр тырнынц.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania