филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 понедельник, 06 мая 2024
05 августа 2019, 12:30
Сидзæр, æмæ æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, уыдоны цæрæнуæттæ хъуамæ дзуапп дæттой хъæугæ домæнтæн

Загъта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, сæрмагонд къамисы æмбырды.

Сидзæр, æмæ æнæ ныййарджытæй чи хъомыл кæны, уыдоны цæрæнуæттæ хъуамæ дзуапп дæттой хъæугæ домæнтæн, загъта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ, сæрмагонд къамисы æмбырды. Сæ ныхасы сæр уыд сидзæр сывæллæттæн цæрæнуæттæ раттын.

Къамисы уæнгтæ байхъуыстой фæллойы æмæ социалон райрæзты министрады информацимæ. Ведомствæты хсæн арæзт къамис ногæй сбæрг кодта, 2018-æм азы Горæтгæрон æмæ Дыгуры районты сидзæртæн цы цæрæнуæттæ радтой, уыдоны уавæр. Ныхас цæуы, домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, уыцы 4 фатерыл. Азымты Иринæ бабар кодта цæрæнуæтты коммуналон хæдзарадæн, цæмæй фарста алыг кæной. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фарон ацы ведомствæ сидзæр сывæллæттæн цы фартертæ радих кодта, уыдон дзуапп нæ лæвæрдтой санитарон æмæ æндæр домæнтæн.

Ацы аз та паддзахадон æххуысы фæрцы 66 адæймаджы райсдзысты цæрæнуат, уымæн радих кодтой 87 милуаны 50 мин сомы. Уыдонæй 39 милуаны æмæ 447 мины сты федералон бюджетæй, 47 милуан 602 та республиконæй.

Дзæуджыхъæуы самал кæндзысты 32 фатеры, 20 – Мæздæджы, 9 – Рахизфасры, 4 – Æрыдоны, 2 – Дыгуры районты. Аккаг фатертæ нæ разынд Алагиры районы, уымæ гæсгæ сидзæр сывæллæтты бафæрсгæйæ сын цæрæнуат ратдзысты Дзæуджыхъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania