филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:19 вторник, 21 мая 2024
06 июня 2019, 12:15
Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы арæзт æрцыди адджинæгты бæрæгбон

Рæзгæ фæлтæр сæхи бафæлвæрдтой шоколад аразджытæй. Сæ разамонджытимæ скодтой хæрзад æмæ адджын продукттæ.

Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы арæзт æрцыди адджинæгты бæрæгбон. Рæзгæ фæлтæр сæхи бафæлвæрдтой шоколад аразджытæй. Сæ разамонджытимæ скодтой хæрзад æмæ адджын продукттæ. Ахæм дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сывæллæттæн фыццаг хатт не скодтой. Мадзал аразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм бæрæгбæттæ сывæллæттæм гуырын кæнынц бирæ рæсугъд æнкъарæнтæ. Чызджыты æмæ лæппуты къухтæй конд шоколадæй федта не сфæлдыстадон къорд дæр.

Хи шоколад аразæгæй бафæлварынмæ æрæмбырд сты алы кары минæвæрттæ. Хæрзад æмæ адджын продукци кæныны процессмæ се ргом раздæхтой суанг лæппутæ дæр. Уыимæ, æрмæстдæр иумæйагæй, æмдыхæй, кæрæдзийæн æххуысгæнгæйæ сæ бон баци се рхъуыдыдзинæдтæ царды рауадзын.

Сывæллæттæн ахæм мадзæлттæ вæййынц бæрæгбонау. Цымыдисæй, æмæ разæнгардæй алчидæр архайдта хæрзаддæр æмæ адджындæр продукт скæныныл. Сидзæр сывæллæтты хæдзар «Хуры тын»-ы хъомылгæнинæгтæ дæсныйадæвдисæг ахуырты архайынмæ æрбахуыдтой уазджыты дæр.

Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ фесты дегустацийæ. Алкæмæндæр фадат уыди саходынæн. Иууылдæр баззадысты разыйæ. Ацы фембæлд фæсивæдæн рауади ахадгæ. Гæнæн ис, æмæ дзы исчи фидæны ацы къабазы суыдзæн зындгонд профессионал.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania