филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:32 суббота, 18 мая 2024
06 декабря 2023, 11:55
Скъоладзауты хъарм хæринагæй лæвар ифтонг кæныны тыххæй закъон куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды

Арæзт æрцыд республикæйы парламенты хъæппæрисæй

Дзæуджыхъæуы скъоладзауты хъарм хæринагæй лæвар ифтонг кæныны тыххæй закъон куыд æххæстгонд цæуы, ууыл ныхас цыд сæрмагонд æмбырды. Арæзт æрцыд республикæйы парламенты хъæппæрисæй. Архайдтой дзы ахуырады æмæ наукæйы министрады, фæлхасадмæ цæстдарды управленийы, Дзæуджыхъæуы хойраджы комбинаты специалисттæ, стæй ахуырдзауты ныййарджытæ. Ныхас цыд скъолаты хæринаджы хæрзхъæддзинадыл. Алы ведомствойæн дæр лæвæрд æрцыдысты бæлвырд амынддзинæдтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фыццаг, дыккаг æмæ æнæмæнг компот. Æрвылбон скъолаты хæрæндæтты вæййы алыхуызон хойрæгтæ. Меню аразынц æппæт домæнтæ хынцгæйæ. Æмæ кæд сывæллонæн сæйрагдæр у, цæмæй хæринаг хæрзад уа, уæд хистæртæн та ма, цæмæй пайдайаг уа, уый. Ам ацы 2 хъуыддаджы дæр æххæст сты. Уый сбæлвырд кодтой Парламенты минæвæрттæ. Скодтой дегустаци, федтой меню.

Менюйы алцыдæр хыгъд цæуы. Цæмæй скъолаты хойрæгты хæрзхъæддзинад бæрзонд уа, уый тыххæй. Ахуырдзауты тæвд хæринагæй æххæст кæныны фарстамæ здахынц ныййарджыты ргом дæр. Сывæллон скъолайы цы хæры, уый базонын мадæлтæн æмæ фыдæлтæн у сæхи бон дæр.

Республикæйы парламент, ахуырады министрад, фæлхасадмæ цæстдарды службæ, горæты администраци… Сывæллæтты тæвд хæринагæй æххæст кæныны фарстамæ цæст дары алы ведомствæ дæр. Иумæйаг куыст цæуы скъолатæн хæринаггæнæн комбинатимæ.

Скъолатæ тæвд хæринагæй æххæст кæныны тыххæй закъон царды куыд уадзынц, уый фæдыл æмбырд сарæзта республикон Парламент. Фарста ахсджиаг у, уымæ гæсгæ йæм хъæуы æдзухдæр цæст дарын, æмæ къуылымпыдзинæдтæ куы сæвзæра, уæд сæ уайтагъд иуварс кæнын. Сæйрагдæр у, зианхæссæг хойрæгтæ пайдайагтæй баивын.

Ахсджиаг у сæйраг амындтытæ æххæст кæнын. Се *хсæн – цæстдард фæтыхджындæр кæнын, скъолаты хæрæндæтты материалон-техникон бындур фидардæр кæнын æмæ тæвд хæринагæй æххæст кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæныны мадзæлтты архайын. Уый парламенты депутаттимæ мониторингы рæстæг федта не сфæлдыстадон къорд дæр. Ахæм цæстдард æххæстгонд цæудзæн дарддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania