филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 18 мая 2024
21 июля 2022, 10:41
Скъолаты бындурон цалцæгыл æмæ техникон ифтонгдзинады фарстатыл ныхас цыди координацион советы æмбырды

Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Бокоты Эльбрус

Паддзахадон программæ «Ахуырады рæзт»-ы фæлгæты скъолаты бындурон цалцæгыл æмæ техникон ифтонгдзинады фарстатыл ныхас цыди скъолаты ахуырады системæйы модернизацийы ведомствæты хсæн координацион советы æмбырды. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Бокоты Эльбрус. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæ сæйраг хæс у, цæмæй куыстытæ фæуой тагъд, стæй сæ хæрзхъæддзинад уа æмбæлгæ уагыл. Æдæппæтæй 2 азмæ хъуамæ рацаразой 66 скъолайы, уыдонæй 3 объекты бахастой уæлæмхасæн хуызы. Уыцы куыстытæн федералон бюджетæй дихгонд æрцыди 4 млрд сомы. Ныртæккæ объектты кæронмæ райхæлдтой æнæхъæугæ арæзтæдтæ, сног кодтой электрон системæтæ, ивынц рудзгуытæ. Мидæгæй куыстытæ дæр цæуынц æнæрлæугæйæ – хъармдæттæн, канализацион æмæ дондзæуæн системæтæ, уымæй уæлдай, аив кæнынц бæстыхæйтты æддаг бакаст. Скъолаты бындурон цалцæджы федералон программæ ахуырады системæйы фæстаг азты у æппæты егъаудæртæй иу. Йæ фæлгæты лхæд цæуынц ног кусæнгæрзтæ æмæ чингуытæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ нысан кæнынц хæринаггæнæн блоктæ рацаразын дæр, стæй стыр æргом здæхт æрцæудзæни скъоладзауты æдасдзинадмæ.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania