14 ноября 2022, 12:06
Скульптор Хъараты Людмилæ скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы студенттæн
Тугъанты Махарбеджы номыл музейы æрæмбырд сты 50 адæймаджы онг
Зындгонд скульптор Хъараты Людмилæ скодта дæсныйадæвдисæг ахуыртæ Дзæуджыхъæуы аивадон училищæйы студенттæн. Тугъанты Махарбеджы номыл музейы æрæмбырд сты 50 адæймаджы онг. Адæмон нывгæнæг сын радзырдта йе сфæлдыстады тыххæй, æмæ сын зæрдиагæй лæвæрдта дзуæппытæ сæ фæрстытæн. Йæ куыстытæй дæнцæг исгæйæ та равдыста, скульптурæтæ аразыны техникæ.
темæмæ гæсгæ