филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:34 пятница, 05 июня 2026
05 июня 2026, 10:35
Социалон æххуысы регионалон программæйы фæрцы Цæгат Ирыстонæй Сау денджызы былгæронмæ абалц кодтой 20 сывæллоны

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн бацæттæ кодта фæлладуадзæн программæ

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты сывæллæттæн бацæттæ кодта фæлладуадзæн программæ. Арвыста сæ Артекмæ. Социалон æххуысы регионалон программæйы фæрцы Цæгат Ирыстонæй Сау денджызы былгæронмæ абалц кодтой 20 сывæллоны. Артекмæ бахауыны рагон бæллиц сæххæст кодта сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хоситы Дмитрийы чызг Маринæ. Йе нкъарæнты тыххæй радзырдта Чехойты Фатимæйæн.

Райгуырæн зæххмæ уарзондзинад æмæ æфсæддоны миниуджытæ куы баиу вæййынц, уæд райгуыры хъайтар. Ахæм уыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæг Хоситы Дмитри. Искæмæн йе*æххуысы хай никуы бавгъау кодта, тохы быдыры дæр уыд хъæбатыр.
Сæрмагонд æфсæддон операцимæ Дмитрий ацыд 2022-æм азы. æфсæддон хæс æххæст кодта Запорожьейы облæсты. 2023-æм азы 28-æм августы Пятихаткæйы хъæуы уæззау цæф фæци. Цыдис ыл 42 азы. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй хорзæхгонд æрцыд Суворовы æмæ Жуковы номыл майдантæй. Хæстонæн баззад цыппар сывæллоны. æппæты кæстæр Роберт у 4-аздзыд. Йæ фыд куы фæмард, уæд ыл афæдз дæр нæма цыдис.

Кæстæр чызг Маринæ хорз хъуыды кæны йæ фыды. æнкъард кæны, мысы йæ, фæлæ ахуыр кæны цæрын æнæ уымæй.
Маринæ бахиздзæн 8-æм къласмæ. Цымыдисаг ын сты музыкæ, кæфтытæ, стæй нывкæнынад. Майы сæххæст йæ бæллиц: йæ фæллад уагъта сывæллæтты лагерь «Артек»-ы. Уыцы балц ын балæвар кодта æхсызгон æнкъарæнтæ, бирæ азты йемæ баст уыдзысты зæрдиаг мысинæгтæ. Чызджы рагон бæллиц сæххæст «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы руаджы.

Маринæимæ Цæгат Ирыстонæй Артекы уыдысты 19 сывæллоны. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты кæстæртæн зындгонд лагерьмæ абалц кæныны фадат фæзынд социалон программæмæ гæсгæ. æххæстгонд цæуы «Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты» фонды филиалы æххуысæй. Лæвар фæллад суадзын æмæ æнæниздзинад фæфидар кæнын – программæйы сæйраг нысан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania