филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:34 воскресенье, 19 мая 2024
12 мая 2023, 11:50
Соттиты Янæ æмæ Гусалты Зæринæ сызгъæрин майдантæ рамбылдтой уæззау атлетикæйæ чемпионаты Белоруссийы

Ныртæккæ та сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ

Цæгатирыстойнаг спортсменкæтæ Соттиты Янæ æмæ Гусалты Зæринæ сызгъæрин майдантæ рамбылдтой уæззау атлетикæйæ чемпионаты Белоруссийы. Уымæй дарддæр ма æрыгон чызджытæ сæвæрдтой ног рекордтæ. Ныртæккæ та сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы чемпионатмæ. Куыд сын æнтысы спорты бæрзæндтæм хизын, уый тыххæй радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Уæззау атлеткæ Соттиты Янæ сызгъæрин майдан рамбылдта Белоруссийы чемпионаты. Æрыгон чызг йæ тых фæлвæрдта 81 килограммы уæзы категорийы. Уæлдæр къæпхæны майдан рамбулынæй дарддæр ма Янæ сæвæрдта ног рекорд штангæ исынæй. Иу истæн фæтых 115 килограммыл. Цæгатирыстойнаг спортсменкæ уæззау тренировкæтæ кодта мæй æмæ рдæг. Кæд зындзинæдтæ æййæфта, уæддæр ын бантыст сызгъæрин майданы хицау суæвын. Соттиты Янæйыл цæуы æрмæстдæр 20 азы. Йæ сæйраг бæллиц у – Олимпаг хъæзтыты уæлахиздзау суæвын.

Уæвгæ ерысты архайдтой 200 спортсменæй фылдæр Белоруссийæ æмæ Уæрæсейы иугонд командæйæ. Нæ бæстæйы кад дзы хъахъхъæдтой 20 адæймаджы. Соттиты Янæимæ сызгъæрин майданимæ æрыздæхт нæ иннæ мзæххон Гусалты Зæринæ. Уый йæ хъарутæ бафæлвæрдта 71 килограммы онг уæзы. Уымæй дарддæр ма хуыздæрыл нымад æрцыд абсолютон категорийы чызджыты хсæн. Зæринæ ма сæвæрдта 3 ног рекорды дæр. Æмтгæй райсгæйæ, систа 238 килограммы.

Гусалты Зæринæйы спортивон карьерæйы сæйраг ныфс у йæ тренер Золойты Хъазыбег. Йемæ кусы, 10 азы йыл куы сæххæст, уæдæй нырмæ. Хъазыбег йæхæдæг тренерæй кусы 37 азы. Уыцы мгъуыдмæ схъомыл кодта Олимпиадæйы 3 призеры, æмæ дунейы 4 чемпионы. Уымæй дарддæр ма Хъазыбег у Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы сæйраг тренер. Куыд зæгъы, афтæмæй Янæ æмæ Зæринæ нымад сты Уæрæсейы хуыздæр уæззау атлеткæтыл.

Нырма уал зын зæгъæн у, не спортсменты æппæтадмон ерысты архайынмæ кæд бауадздзысты, уый. Фæлæ уый нæ хынцгæйæ, чызджыты дарддæр кусынц сæхиуыл. Ныртæккæ цæттæ кæнынц радон турнирмæ. Тренировкæтæ райдайдзысты 15-æм майы Хъырымы. Сæ ног фæлварæн – Уæрæсейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Арæзт æрцæудзæн июны горæт Новый Уренгойы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania