20 июня 2026, 16:12
«Спецэкосервис»-ы кусджытæ пъланмæ гæсгæ сыгъдæг кæнынц фонтантæ
Фыццаг бавнæлдтой Уæлахизы фæзы доны объект аив кæнынмæ
«Спецэкосервис»-ы кусджытæ пъланмæ гæсгæ сыгъдæг кæнынц фонтантæ. Фыццаг бавнæлдтой Уæлахизы фæзы доны объект аив кæнынмæ. Специалисттæ сæххæст кодтой æппæт хъæугæ куыстыты комплекс: ауагътой дон, ссыгъдæг кодтой æппæт уæлцъæрттæ æмæ конструкциты элементтæ. Тагъд фонтан ногæй скусын кæндзысты æмæ дарддæр горæты цæрджыты æмæ уазджыты зæрдæтæ рухс кæндзæн. «Спецэкосервис»-ы кусджытæ ма хæстæгдæр рæстæг фæнд кæнынц Дзæуджыхъæуы иннæ объекттæм дæр базилын.
темæмæ гæсгæ




