филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:26 воскресенье, 05 мая 2024
21 июня 2019, 15:00
Специалисттæ бакуыстой фæндаджы фæрсты сервисы дизайн-проектыл

Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта сæрмагонд æмбырды.

Специалисттæ бакуыстой фæндаджы фæрсты сервисы дизайн-проектыл. Æмæ бынæттон хицауады нысан у, арæзтад райдайын. Уый тыххæй Битарты Вячеслав фехъусын кодта сæрмагонд æмбырды. Архайдтой дзы Парламенты æмæ Хицауады сæрдартæ, сæ хæдивджытæ, профилон министрадты разамонджытæ æмæ районты сæргълæуджытæ. Республикæйы разамонæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй проектмæ гæсгæ скодтой сбæлвырд кодтой фæрæзты бæрц. Æмбæлгæ гæххæттытимæ та хæстæгдæр рæстæг базонгæ уыдзысты бынæттон хицауады уæнгтæ. Бакусдзысты сыл экономикон рæзты министрадимæ æмæ нæ республикæйы сæйраг архитекторы службæимæ. Профилон министрады хъæуы æмбæлгæ æххуыс бакæнын, объект чи араздзæн, уыцы бизнесменæн. Хицауады хæс та у фæндаджы цур сервисыл бакусын. Уый фадат ратдзæн ног куысты бынæттæ самал кæнынæн, æмæ хæрзхъæд лæггæдтæ кæнынæн. Ацы хъуыддаг хъæуы банывыл кæнын, загъта Битарты Вячеслав. Уымæй дарддæр ма регионы разамонæг бынæттон хицауадæй бадомдта, хæдзæртты кæртытыл æрзилын, цæмæй бæлвырд информаци базоной, уый тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania