филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:35 вторник, 07 мая 2024
09 марта 2022, 13:24
Спортивон скъола «Стимул» рахæцыд Уæрæсейы паралимпаг иугонд командæйы фарс

Ирыстойнаг фехтовальщиктæ нæ командæйæн ныффыстой видео

Се нæниздзинад цудыд кæмæн у, ахæм адæмы спортивон скъола «Стимул» рахæцыд Уæрæсейы паралимпаг иугонд командæйы фарс. Ирыстойнаг фехтовальщиктæ нæ командæйæн ныффыстой видео. Фæсивæды хъуыдымæ гæсгæ, спорт хъуамæ политикæмæ бар ма дара. Фæлæ, спортсментæ цыфæнды цæлхдурты сæрты дæр ахиздзысты, сæ бæстæйы æмæ се мкусджыты фарсхæцт куы æнкъарой, уæд. Не спортсментæ зæрдæ дарынц, паралимпаг хъæзтытæм сæхи чи цæттæ кодта, уыдонæн сæ дарддæры спортивон фæндаг рæстмæ кæй уыдзæн, ууыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы иугонд командæйы фæиппæрд кодтой 12-æм зымæгон паралимпаг хъæзтытæй, Пекины.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania