филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:40 четверг, 09 мая 2024
17 марта 2021, 14:12
Спортивон скъола «Юность» бæрæг кæны йæ равзæрды 45 азы бон

Уыцы мгъуыдмæ дзы рацыдысты сæдæгай зындгонд футболисты

Фидæны чемпионты кæм хъомыл кæнынц, æмæ æнæниз цардыуагмæ кæм æмхиц кæнынц, ахæм бынат. Спортивон скъола «Юность» бæрæг кæны йæ равзæрды 45 азы бон. Уыцы мгъуыдмæ дзы рацыдысты сæдæгай зындгонд футболисты. Уыдон ныртæккæ Ирыстоны кой айхъуысын кодтой нæ бæстæйы алы рæтты.

Куымæриттаты Асланыл дæс азы йедтæмæ нæма цæуы, фæлæ тренеры амынддзинæдтæ æмбары æмæ сæ æххæст кæны куыд æмбæлы, афтæ. Сæрæн æмæ зæрдæргъæвд лæппу футболмæ цæуы дыууæ азы æмæ йæ зоны, фидæны цы командæйы хъаздзæнис, уый.

Кæддæр ацы быдыры ратæх батæх кодта тренер Гæтиты Эдуард. Ныртæккæ та агуры курдиатджын лæппуты. Уый тыххæй зилы скъолатыл, хæдзæртты кæртытыл. Йæ бæрнондзинад æмбары æмæ сывæллæтты ахуыр кæны æрмæст футболыл нæ, фæлæ ма архайы семæ хæлар ахастдзинæдтæ саразыныл дæр.

Кæддæр ахæм сæйраг æмæ вазыгджын ныхæстæй фæндаг ссардтой «Аланийы» сæйраг тренер Гогниты Спартачы зæрдæмæ дæр. Уыцы рæстæг ныртæккæ мысы цины æнкъарæнтимæ.

«Юность» футболистты æрмæст Ирыстонæн нæ хъомыл кæны, фæлæ æгас Уæрæсейæн дæр. «Крылья Советов»-ы сæйраг тренер Игорь Осинькин куыд мысы, афтæмæй ивгъуыд æнусы æстайæм азты Дзæуджыхъæуы стадионмæ тындзыдтой нæ республикæйы алы рæттæй.

Нодар Папелешвилийы къухы бафтыд 1976 азы «Юность» саразын. Ныртæккæ спортивон скъола нымад у нæ бæстæйы раззагдæртыл. Йæ традицитæ бахъахъхъæнын нымайынц сæ сæйрагдæр нысантæй иуыл.

Ацы аз цыппар газонæй базилдзысты дыууæмæ. Ныртæккæ скъоламæ ис алы ведомствæты лæмбынæг цæстдард.

Фидæны дæсны футболисттæ схъомыл кæнын æнцон нæу. Фæлæ «Юносты» футболы скъола уыцы сусæгдзинæлтæ раджы ссардта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania