филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:09 понедельник, 20 мая 2024
17 ноября 2020, 14:44
Спортивон скъола «Юность»-ы фæзы арæзт æцрыд Æлбегонты Хасаны номарæн турниры финал футболæй

Æхсæнадон архайæг æмæ меценат йæ царды фылдæр хай радта спорты ацы хуызæн

Сывæллæтты спортивон скъола «Юность»-ы фæзы арæзт æцрыд Æлбегонты Хасаны номарæн турниры финал футболæй. Æхсæнадон архайæг æмæ меценат йæ царды фылдæр хай радта  спорты ацы хуызæн. Бындур сæвæрдта æмæ разамынд лæвæрдта футболон клуб «Автодор»-æн. Уый уыд йæ сæйрагдæр проекттæй иу. Схъомыл кодта курдиатджын спортсменты цалдæр фæлтæры. Кæддæриддæр сын æххуыс кодта. Турниры финалы 3:1 хыгъдæй кубок командæ «Автодор»-æй рамбылдта командæ «Киммери». Спорстменты ныхæстæм гæсгæ, ахæм хъæзтыты архайын сын у тынг кадджын. Æмæ цалынмæ турнир арæзт цæуа, уæдмæ цæрдзæн Æлбегонты Хасаны ном дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania