филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:24 четверг, 02 мая 2024
26 января 2022, 13:17
Спорты галуан «Манеж» домы рацарæзт

Объекты хъæуы баивын коммуникацитæ, пъолтæ æмæ бæстыхайы сæр

Спорты галуан «Манеж» домы рацарæзт. Объекты хъæуы баивын коммуникацитæ, пъолтæ æмæ бæстыхайы сæр. Фæфылдæр кæнын хъæуы материалон техникон бындур дæр. Республикæйы сæйраг спортивон аренæ бабæрæг кодта премьер-министр Дзанайты Барис. Равдыстой йын, 2019 азы цы проект бацæттæ кодтой, уый. Йæ фæрцы стадионы бынат фæзындзæн 1600 адæймагæн. Дзанайты Барис бафæдзæхста проектмæ ногæй æркæсын, æмæ йæм ивддзинæдтæ бахæссын. Нæ уацхæссæг Бокоты Виктория радзурдзæн бæстондæр.

47 азы цард лозунгимæ «тагъддæр, уæлдæр, тыхджындæр». Уыцы хъуыддæгтæ æххæст кæнынмæ æмæ спортивон уæлахизтæм тырнынмæ цæлхдуртæ нæй. Спорты Галуан «Манеж»-ы кой нæ республикæйы чи нæ зоны, ахæм адæймаг зын ссарæн у. Презентаци кæнын ын нæ хъæуы, рацарæзт та йын рагæй скæнын хъæуы. Фыццаджыдæр сног кæнын хъæуы материалон-техникон бындур, бынæтты нымæц фæфылдæр кæнын, дзаумæттæ ивæн бæстыхæйттæ сцалцæг кæнын. Æмæ канд уыдон нæ.

Фыццæгæм уæладзыджы иумæйаг фæзуат у 6 мины æмæ 5 сæдæ квадратон метры. Æртæ азы размæ бакуыстой республикæйы сæйраг спортивон комплексы рацарæзты проектыл. Куыстыты иумæйаг аргъ нымадмæ гæсгæ уыд æртæ сæдæ фынддæс милуан сомы. Фæлæ уæд проект федералон министрады хорзыл нæ банымадтой. Абон проектыл ногæй бакуыстой, æмæ йæ равдыстой Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Дзанайты Барисæн.

Иу мин æмæ æхсæз сæдæ бынаты, стæй ма 10 бынаты та сæрмагондæй, йæхи бон цæуын кæмæн нæу, ахæм адæмæн. Проектмæ гæсгæ фестырдæр кæндзысты дзаумæттæ ивæн уæттæ, стæй ма сæм фæзындзæн хæрдмæ исæн хид. Æппæт куыстыты аргъмæ хъæуы ногæй æркæсын. Дзанайты Барис бабар кодта проектмæ ногæй æркæсын, æмæ йæм ивддзинæдтæ бахæссын.

Бæстыхайы сæр баивыны хъуыддаг проектмæ хаст не рцыд. Нысан æй кæнынц сног кæнын, ныртæккæ чи цæуы, уыцы цалцæджы рæстæг. Уæвгæ та куыстыты мгъуыд  хъæуы фæтагъддæр кæнын, загъта Дзанайты Барис. Уый фадат ратдзæн федералон программæйы бацархайынæн.

«Манеж» уыд æмæ у нæ республикæйы сæйраг спортивон фæз. Ам кæддæриддæр фæцæуынц алы æмвæзады ерыстæ æмæ чемпионаттæ. Уымæй дарддæр ма у сæйраг бындур рог атлетикæйæн. Рацарæзты фæстæ спорты Галуаны гæнæнтæ ноджы фылдæр фæуыдзысты, зæгъынц специалисттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania