филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:40 вторник, 03 ноября 2026
06 мая 2025, 10:38
Спорты галуан «Манеж»-ы 3 боны цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Арæзт æрцыдысты Уæлахизы 80 азы кадæн æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл

Спорты галуан «Манеж»-ы 3 боны цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй, 20 азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы лæппуты *хсæн. Арæзт æрцыдысты Уæлахизы 80 азы кадæн æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл. Турниры уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Цæгат Кавказы регионты тыхджындæр богæлттæ сæмбæлдысты Ирыстоны зæххыл сæ тых æмæ сæ хъарутæ равдисынмæ. 232 спортсмены кадыл банымадтой Уæлахизы 80 азы æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты номыл турниры сæ дæсныйад равдисын. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветерантæ уыдысты ерыстæ байгом кæныны мадзалы кадджын уазджытæ.

Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, зындгонд спортсментæ, бæрнон кусджытæ  уыдысты *вдисæнтæ богæлтты арæхстдзинадæн. Республикæйы зарæггæнджыты æмæ кафджыты къордтæ та барухс кодтой хъæбысæйхæцджыты æмæ спортуарзджыты зæрдæтæ сæ курдиатæй. Ерыстæ саразджытæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæн, стæй сæйраг тæрхонгæнджытæн саккаг кодтой лæвæрттæ.

Ерысты архайдтой 60 ирон спортсмены — республикæйы иугонд командæйы уæнгтæ. Богæлттæ равдыстой уæлахизмæ стыр тырнындзинад.  Разæнгард сæ кодтой сæ фарсхæцджытæ дæр.

Цæгат Ирыстоны ацы спорты хуыз алы рæстæджы дæр уыд тынг парахат. Нæ республикæ дунейæн балæвар кодта бирæ зындгонд хъæбысæйхæсджыты. Уыдоны æнтыстдзинæдтæ  хорз дæнцæг сты æрыгон спортсментæн.

Турнирæй рауад Цæгат Кавказы цæрæг адæмты *хсæн хæлардзинад фидаргæнæг бæрæгбон:  спортуарзджытæн балæвар кодта æхсызгондзинад, богæлттæн та сси уæлахизхæссæг. Ерыс цыд 10 уæзы. 125 килограмы уæзы сызгъæрин майдан рамбылдта Хуыгаты Алан.

Ерысты уæлахиздзаутæ Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты Уæрæсейы чемпионаты.  Турнир арæзт æрцыд паддзахадон программæ «Физкультурæ æмæ спорты рæзт» æххæстгæнгæйæ æмæ рабæрæг кодта Цæгат Кавказы федералон зылды тыхджындæр богæлтты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania