31 марта 2026, 11:02
Спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир профессилоналон боксæй
Рингмæ рацыдысты Уæрæсейы, Ираны, Угандæйы, Таджикистаны æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ
Спорты галуан «Манеж»-ы арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир профессилоналон боксæй. Рингмæ рацыдысты Уæрæсейы, Ираны, Угандæйы, Таджикистаны æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ. Алы паддзахадты спортсментæ сæмбырд сты иу фæзы, цæмæй равдисой сæхи стиль æмæ сæхи боксы скъола. Турниры сæрмагонд уæзæг уыд Эрик Моралес. Легендарон мексикæйаг боксер у дунейы чемпион 4 уæзы категорийы. Уæрæсемæ ссыди фыццаг хатт, æмæ йæхæдæг скодта аргъ, спортивон мадзал куыд арæзт æрцыд, уымæн. Боксы бæрæгбон ацыд, республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы æххуысæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир уыд хæрзаудæн. Æппæт фæрæзтæ арвитдзысты хæстонтæн, сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæмæ.




