филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:19 понедельник, 20 мая 2024
26 марта 2021, 14:38
Спорты галуан «Манеж»-ы райдайдзысты фыццаг бынат бацахсыны уæрæсейаг ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Турниры архайдзысты 300 æрыгон богалы нæ бæстæйы 40 регионæй.

Абон спорты галуан «Манеж»-ы райдайдзысты фыццаг бынат бацахсыны уæрæсейаг ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Гауызмæ рацæудзысты, 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Турниры архайдзысты 300 æрыгон богалы нæ бæстæйы 40 регионæй. Архайдзысты хæрзиуджыты 11 комплекты рамбулыныл. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы 6 уæзы катеогрийы ис 25 спортсмены. Тренерты штабы куыд загътой, афтæмæй нæ командæ чемпионатмæ йæхи бацæттæ кодта иттæг хорз. Билеттæ самал кæнæн ис спорты галуаны кассæйы. Цы хца æрæмбырд кæной, уыдон арвитдзысты уæззау рынчын сывæллæтты сдзæбæх кæнынæн

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania