05 февраля 2021, 11:03
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта Хуссар æфсæддон зылды чемпионат æфсады къуххæстæй
Турниры архайынц 100 спортсменæй фылдæр 7 уæзы категорийы
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта Хуссар æфсæддон зылды чемпионат æфсады къуххæстæй. Турниры архайынц 100 спортсменæй фылдæр 7 уæзы категорийы. Службæгæнджытæ уал рагацау ацыдысты æвзарæн ерысты. Чемпионат байгом кæныны размæ та сын арфæйы ныхæстæ загъта Хуссар æфсæддон зылды штабы минæвар Александр ШутОвский æмæ 58-æм æфсады командæгæнæг Михаил ЗуськО. Спортивон фембæлдтытæ фæуыдзысты абон. Чемпионаты хатдзæгтæм гæсгæ сбæлвырд уыдзæн иугонд командæ, æмæ архайдзæн Уæрæсейы Гæрзифтонг тыхты дарддæры турнирты æфсæддон къуххæстæй.
темæмæ гæсгæ