филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:45 пятница, 17 мая 2024
28 июля 2023, 11:33
Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир «Кубок Содружества»

Спортуарзджытæн бацæттæ кодтой стыр бæрæгбон

Спорты галуан «Манеж»-ы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй турнир «Кубок Содружества». Спортуарзджытæн бацæттæ кодтой стыр бæрæгбон. Æртæ боны алы уæзы категориты 200 тыхджындæр богалы дунейы 16 бæстæйæ æвдисдзысты се спортивон цæттæдзинад. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ «Кубок Содружеств – Борцовская лига Поддубного» – у æппæтадæмон турнир. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй æмæ Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерысты уæлахиздзау Хъоцыты Знаур Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæны æппæтадæмон турнир «Кубок Содружеств – Борцовская лига Поддубного»-йы. Æрæджы ныццавта йæ уæраг, æмæ уымæ гæсгæ турнирмæ йæхи æххæстæй нæ бацæттæ кодта. Фæлæ дзы, уый нæ хынцгæйæ, Знауры фæндыд бацархайын. Куыд зæгъы, афтæмæй бынæттон спортуарзджытæ æмæ йæхи бæстæйы гауыз ын дæттынц уæлдай тых.

Спорты галуан «Манеж»-ы гауызмæ рацыдысты 160 спортсмены онг. Сты Уæрæсейы алы регионтæй. Уæдæ дзы ис хъæбысæй хæцджытæ Туркæй, Белоруссийæ, Иранæй æмæ Казахстанæй дæр. Ерыс кæнынц, 57 килограммæй 125 киллограммы онг чи ласы, уыцы спортсментæ.

Турнирмæ бакæсынмæ æрбацыдысты бирæ спортуарзаг адæм. Сæйраг цымыдисаг сын сты, 74 æмæ 97 киллограммты чи хæца, уыцы спортментæ. Уымæн æмæ дзы архайынц Олимпаг чемпионтæ Сидахъаты Зауырбег æмæ Абдулрашид Садулаев. Ерыстæ, стæй зындгонд адæм дзы кæй архайынц, уый æвзонг хъæбысхæсджытæн у стыр ахъаз – зæгъы Урæсейы иугонд командæйы сæйраг тренер æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй олимпаг чемпион Гуæцæлты Хадзымурат.

«Кубок содружества» у дунейы чемпионатмæ цæттæгæнæн мадзал уæгъдибар хъæбысхæстæй. Чемпионат ацæудзæн сентябры, Сербийы. Зæгъæн ис, æмæ алы категориты спортсменты нæмттæ бæрæг сты, Уæрæсейы кад чи хъахъхъæндзæн, уыдонæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania