Турниры архайынц 700 гимнасткæйы онг Уæрæсейы 40 горæтæй
Федералон проект «Спорт – норма жизни» æххæст кæнгæйæ, спорты галуан «Манеж»-ы райдыдтой аивадон гимнастикæйæ æппæтуæрæсеон æрвылазон ерыстæ «Ступень к Олимпу». Турниры архайынц 700 гимнасткæйы онг Уæрæсейы 40 горæтæй, Мæскуыйæ, Волгоградæй, Краснодарæй, Ростовæй, Оренбургæй, Пятигорскæй, Сочийæ, Налцыккæй æмæ æндæр горæттæй. Аивадон гимнасткæтæ се спортивон цæттæдзинад æвдисынц къордты архайгæйæ æмæ хицæн программæты. Фыццаг æмæ дыккаг разрядтæ, спорты мастертæ æмæ спорты мастертæм кандидаттæ. Турнир бабæрæг кодтой парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ спорты министр Гæззаты Юрий. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджынгонд æрцæудзысты майдантæй, дипломтæй æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ аивадон гимнастикæйæ турнир цæудзæн 22-æм мартъийы онг.