филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:13 вторник, 30 апреля 2024
07 февраля 2024, 11:58
Спорты галуан «Манеж»-ы цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй

Архайдтой дзы юниортæ. стæй 21 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ

Спорты галуан «Манеж»-ы дыууæ боны цыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды фыццаг бынат рамбулыны ерыстæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Архайдтой дзы юниортæ, стæй 21 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Гауызмæ рацыдысты, федералон зылды регионты кад чи хъахъхъæны, ахæм 300 спортсмены онг. Цæгат Ирыстоны командæйы ис 35 хъæбысæйхæцæджы. Ерысгæнджытæн аргъ кодтой 10 категоримæ гæсгæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ мадзал сарæзтой, федералон проект «Спорт – норма жизни» æххæст кæнгæйæ. 21 азы онг атлетты хсæн 125 килограммы уæзы сызгъæрин майдан рамбылдта Мамиаты Давид. Финалы фæуæлахиз Хынцæгты Маратыл. Уый бацахста дыккаг бынат. 60 килограммы уæзы æвзист майдан райста Къомайты Фæрнæг. Бронзæ майданты хицæуттæ та сæхи категориты систы Мысыкаты Арсен – 92 килограммы, стæй Уалыты Вильям – 125 килограммы

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania