12 июля 2023, 11:56
Спорты галуан «Манежы» абон ацæудзæнис Фæллоймæ æмæ Хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль
Архайдзысты дзы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ
Дзæуджыхъæуы, спорты галуан «Манежы» абон ацæудзæнис Фæллоймæ æмæ Хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль. Архайдзысты дзы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ. Алы командæйы дæр уыдзæнис фæйнæ 8 адæймаджы. Сæ кар уыдзæнис 15 азы онг. Ерыстæ уыдзысты куыд командæты, афтæ хицæн адæймæгты хсæн дæр. Æппæты хуыздæр бæрæггæнæнтæ чи равдиса, уыдон Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæндзысты фестивалы æппæтуæрæсеон къæпхæны. Ацæудзæнис сывæллæтты центр Артекы, 25-æм сентябрæй 15-æм октябрьмæ.
темæмæ гæсгæ