филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:39 вторник, 03 ноября 2026
13 июля 2023, 11:58
Спорты галуан «Манежы» ацыд Фæллоймæ æмæ Хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль

Архайдтой дзы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ

Спорты галуан «Манежы» ацыд Фæллоймæ æмæ Хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинады фестиваль. Архайдтой дзы астæуккаг скъолаты ахуырдзаутæ. Алы командæйы дæр уыдис фæйнæ 8 адæймаджы. Сæ кар —  15 азы онг. Ерыстæ цыдысты куыд командæты, афтæ хицæн адæймæгты хсæн дæр. Программæмæ хаст æрцыдысты тестты 6 хуызы, уый алыхуызон дистанцитæ, дæргъмæ гæпп кæнын, пурти æхсын æмæ æндæр фæлтæрæнтæ. Командон хыгъды фыццаг баныт бацахста Алагиры район, дыккаг — Дыгуры, æртыккæгтæ та систы Мæздæджы районы минæвæрттæ. Хицæн хыгъды 8 уæлахиздзауæн та путевкæтæ радтой  сывæллæтты центр Артекмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania