17 мая 2022, 10:49
Спорты галуан «Манежы» уыд æфсæддон хъæбысæйхæсты хуызты турнир сывæллæты хсæн
Æвзонг фæсивæд сæхи фæлвæрдтой самбойæ, каратэйæ, къухæй тохæй æмæ æндæр спорты хуызтæй
Спорты галуан «Манежы» уыд æфсæддон хъæбысæйхæсты хуызты турнир сывæллæты хсæн. Æвзонг фæсивæд сæхи фæлвæрдтой самбойæ, каратэйæ, къухæй тохæй æмæ æндæр спорты хуызтæй. Турниры бацархайдта 1000 адæймагмæ хæстæг. Чызджытæ æмæ лæппутæ уыдысты, 10 азæй 18 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. Хуыздæрты нæмттæ райсыныл ерысмæ æрбацыдысты сыхаг республикæты æмæ Хуссар Ирыстоны хуыздæр спортсментæ. Сæ спорты хуызты хуыздæр бæрæггæнтæ чи равдыста, уыдон та сентябры цæудзысты Анапамæ. Уым арæзт æрцæудзæн æфсæддон хæсты хуызты Æппæтуæрæсеон къæпхæн.
темæмæ гæсгæ