филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:18 понедельник, 20 мая 2024
18 марта 2021, 12:24
Станицæ Луковскæйы арæзт æрцыд Тимофей Астаховы номарæн турнир къуххæстæй

Æфсады старшина царди 19 æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдиан

Станицæ Луковскæйы арæзт æрцыд Тимофей Астаховы номарæн турнир къуххæстæй. Æфсады старшина царди 19 æнусы кæрон æмæ 20-æм æнусы райдиан. Уыд Уæрæсейы империйы бирæ паддзахадон хæрзиуджыты кавалер, цалдæр хæсты æмæ æфсæддон цауты архайæг. Уæззау цæфы фæстæ æрыздæхт йæ райгуырæн станицæмæ, æмæ райдыдта хæрзаудæн куыст кæнын. Йæ фæрцы ам байгом фыццаг скъола. Сæ рагфыдæлты истори хъуыды кæнгæйæ, Луковскæйы станицæйы хъазахъхъæгты æхсæнад сæ атаманимæ рахастой уынаффæ, хъуыстгонд хъæбатыры номарæн турнир саразыны тыххæй. Ног спортивон залы æрæмбырд сты сæдæгай лæппутæ æмæ чызджытæ Мæздæджы районы алы хъæутæй. Фæндыди сæ ерысты сæхи равдисын æмæ сæ хистæрты фæлтæрддзинад райсын. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, йæ фæнд кæнынц традицион скæнын, æмæ йæ архайджыты нымæц фылдæр кæнын. Уыимæ йæм сыхаг районты минæвæртты ргом здахын. Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ хуыздæртæн радтой кады гæххæттытæ æмæ зынаргъ призтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania