филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:04 четверг, 02 мая 2024
12 января 2022, 11:22
Стъараполы ацыди Цæгат Кавказы федералон зылды турнир шахмæттæй

Йæхи кары къорды хуыздæрыл нымад æрцыди дыууадæсаздзыд Баситы Георгий

Аивады, наукæйы æмæ спорты элементтæ. Стъараполы ацыди Цæгат Кавказы федералон зылды турнир шахмæттæй. Йæхи кары къорды хуыздæрыл нымад æрцыди дыууадæсаздзыд Баситы Георгий. Афтæмæй, йæхицæн фæндаг байгом кодта Уæрæсейы чемпионаты уæлдæр лигæмæ. Уалдзæджы тох кæндзæни бæстæйы чемпионаты фæсивæды хсæн.  Æвзонг шахматисты фæндаджы æмæ йæ фидæнмæ бæллицты тыххæй радзурдзæн Гаджиты Сослан.

Ацы титул у Уæрæсейы уæлдæр лигæмæ билет дæр. Апрелы Георгий фембæлдзæн бæстæйы раззагдæр юниортимæ. Шахмæттæй дунейы чемпионы номы аккаг суæвыны турнирмæ цæттæгæнгæйæ бæстонæй æркасти æмæ сбæлвырд кодта Магнус Карлсен æмæ Ян Непомнящийы хсæн матчы лыстæг хъуыддæгтæ.

Георгийæн йæ спортивон фæндаг райдыдта гимнастикон залы. Стыр фидæнмæ йæм æнхъæлмæ кастысты футболæй тренертæ дæр. Фæлæ, лæппу,  йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ йæхи бафæлвæрдта шахмæттæй, æмæ нæ фæрæдыд.

Дыууадæсаздзыд Баситы Георгий ныридæгæн хъуыды кæны, йæ ахуыры фæндаг кæм адарддæр кæндзæни, ууыл. Ахуыры йæ шахмæттæ нæ бахъыгдардзысты. Уый нæ, фæлæ ма йын уыдзысты æххуыс дæр. Йæ боныг дзаг у цыппартæ æмæ фондзтæй.

Георгий уæлдæр лигæйы архайдзæн дыккаг аз фæд-фæдыл. Фыццаг бæрæггæнæн – хуыздæр дыууын спортсменты хсæн бынат. Фæлæ æвзонг шахматист ацы бæрæггæнæныл æрлæууынмæ нæ хъавы, архайы æппынкъаддæр хуыздæр 10 спортсмены хыгъдмæ бахауыныл.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania