филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:39 пятница, 01 мая 2026
28 апреля 2026, 10:45
Стъараполы ацыдысты Уæрæсейы хъæбатыр Тыбылты Мараты рухс номы кадæн ерыстæ æфсæддон къуххæстæй

Турниры фембæлдысты Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты 3 сæдæ хуыздæр спортсмены

Стъараполы ацыдысты  Уæрæсейы хъæбатыр, Уæрæсейы гвардийы офицер, Лæгдзинады æртæ ордены кавалер – Тыбылты Мараты рухс номы кадæн ерыстæ æфсæддон къуххæстæй. Турниры фембæлдысты Цæгат Кавказы æмæ Хуссар федералон зылдты 3 сæдæ хуыздæр спортсмены. Фронты Тыбылты Маратæн уыд фæсномыг «Талиб». Сæрмагонд æфсæдты офицер хæстæн йæ фыццаг бонтæй фæстæмæ æххæст кодта йе фсæддон хæстæ, уыимæ, æппæты зындæртæ. Уæрæсейы хъæбатыры ном ын фарон февралы саккаг кодта Президент Владимир Путин. Уый хæдразмæ равдыста стыр ныфсхастдзинад. Курскы рдыгæй йæ разамындæй ныхкъуырд радтой знагæн. Ныртæккæ йе фсæддонтæ дарддæр хъахъхъæнынц Фыдыбæстæйы бартæ. Ацы аз Тыбылты Мараты номыл ерыстæ арæзт æрцыдысты национ гвардийы Цæгат Кавказы æфсæддон зылды сæрмагонд хайæдты æмæ Уæрæсейы гвардийы Стъараполы управленийы хъæппæрисæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania