филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:57 пятница, 17 мая 2024
26 августа 2021, 12:15
Суададжы æнхъæлмæ кæсынц спортивон зал байгом кæнынмæ

Ацы спортивон комплекс сарæзтой 2016 азы, фæлæ йæ нæма байгом кодтой

Ацы къуыри социалон хызты апарахат видеоæрмæг, Суададжы цæрджыты архайдимæ. Æрыгон адæм дзы курынц, цæмæй, рагæй арæзт чи рцыд, уыцы спортивон зал радтой эксплуатацийы. Фæсивæд куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ хъæуы спортæй архайынæн æндæр бынат нæй, æмæ арæх фæцæуынц сыхаг хъæутæм. Куыд лыггонд цæуы ацы фарста, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Ацы спортивон комплекс сарæзтой 2016 азы, фæлæ йæ нæма байгом кодтой. Сæйраг бацæуæн у æхгæд, уæдæ хъалагъуртæ дæр никæцæй зынынц. Спортуарзджытæ иу æхсæвы сусæгæй мидæмæ бацыдысты. Æндæр гæнæн сын нæ уыд. Ныр та ма дзы электрон рухс дæр нæй. Цалдæр боны размæ йæ ахуыссын кодтой. Æндæр спортивон фæзтæ та Суададжы нæй. Челдыты Руслан у бынæттон цæрæг æмæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ уæгъдибар хъæбысхæсты секцимæ Алагирмæ цæуын хъæуы. Фæлæ се ппæтæн ахæм гæнæнтæ нæй.

Штангæтæ, гантельтæ, хъæбысæйхæцæн гауыз. Зал ифтонггонд у куыд мидæгæй, афтæ æддейы дæр. Спортивон тренажертæ æрæвæрдтой кæрты дæр æмæ ныридæгæн нал бæззынц. Ахорæнтæ ссыдысты, уæдæ дзы лыстæг сæстытæ дæр куыннæ уыдзæн.

Алагиры районы сæргълæууæг Бутаты Арсен зæрдæ бавæрдта, ног ахуыры азмæ спортивон комплекс йæ дуæрттæ кæй бакæндзæн, уымæй. Ног бæстыхай арæзтой республикæйы бюджеты фæрæзтæй. Дих сæ кодтой къæпхæнгай æмæ уый фæзынд арæзтады æмгъуыдыл. Æрмæстдæр ацы мæй спортивон комплекс радтой Алагиры районы бынæттон администрацийы хыгъдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania