филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 воскресенье, 19 мая 2024
22 ноября 2023, 11:25
Суннитаг мæзджыды уыд ирон æвзаджы бон

Мадзал фыццаг хатт арæзт æрцыд

Суннитаг мæзджыды уыд ирон æвзаджы бон. Мадзал фыццаг хатт арæзт æрцыд. Архайдтой дзы 40 сывæллоны – 10-æй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм скъоладзаутæ. Бакастысты ирон поэтты æмдзæвгæтæ. Се *хсæн Хетæгкаты Къостайы, Малиты Георгийы æмæ æндæр авторты уацмыстæ. Бæрæгбонмæ чи æрбацыд, уыдонæн сарæзтой викторинæ. Хистæрты æмæ рæзгæ фæлтæры зонындзинæдтæ сбæлвырд кодтой ирон литературæйæ. Се ппæт архайджытæн скодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ –  чингуытæ æмæ сывæллæтты журналтæ ирон æвзагыл. Мадзал бацæттæ кодта Цæгат Ирыстоны пысылмæтты управлени. Фæнд æй кæнынц æдзух аразын сыхаг регионты архайдимæ. Ног фембæлд нысан кæнынц  иннæ аз майы скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania