20 сентября 2022, 11:54
Суворовон æфсæддон училищæйы фыццагкурсонтæ кадджын уавæры ард бахордтой
80 лæппуйы дзырд радтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнын, æнæзæрдæхудтæй ахуыр кæнын æмæ æфсæддон хъуыддаджы традицитæ парахат кæнын
Цæгат Кавказы Суворовон æфсæддон училищæйы фыццагкурсонтæ кадджын уавæры ард бахордтой. 80 лæппуйы дзырд радтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнын, æнæзæрдæхудтæй ахуыр кæнын æмæ æфсæддон хъуыддаджы традицитæ парахат кæнын. Суворовонты ардхæрд у рагон æгъдау. Æххæст æй кæнынц училищæйы сæвзæрдæй фæстæмæ. Суворовы номыл æфсæддон училищæты фыццаг хъомылгæнинæгтæ ахæм ард хордтой нырма 1944-æм азы. Ардхæрды фæстæ алы фыццагкурсонæн дæр радтой суворовон училищæйы ахуырдзауы æвдисæндар.
темæмæ гæсгæ