филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:03 среда, 08 мая 2024
21 ноября 2022, 12:08
Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуанмæ арбаластой Мæздæджы Мадымайрæмы дзуары ныв

Дзуæрттимæ цыд арæзт æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны æппæт аргъуанты

Сыгъдæг Георгий Уæлахизхæссæджы номыл аргъуанмæ арбаластой Мæздæджы Мадымайрæмы дзуары ныв. Дзуæрттимæ цыд арæзт æрцæудзæн Цæгат Ирыстоны æппæт аргъуанты. Мады Майрæмы сурæт ныридæгæн уыд Мæздæджы, Беслæны, Æрыдоны æмæ Октябрьскæйы. Дзæуджыхъæуы, Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны та йыл андзæвæн уыдзæн 20-æмæй 24-æм ноябры онг. Историмæ гæсгæ, гуырдзиаг ус-паддзах сыгъдæг Тамарæ ацы дзуарыныв ирон адæмæн балæвар кодта 13-æм æнусы райдиан. 500 азæй фылдæр Мæздæджы Мады Майрæмы сыгъдæг дзуарыныв хъахъхъæд цыди Куырттаты комы. Цымыдисаг у уый, æмæ æртæ хатты бахауд зынгсирвæзты, фæлæ-иу диссагæн аирвæзти. Фæстæдæр, 18-æм æнусы дзуарыныв раластой Мæздæгмæ. Ирон адæм хæхтæй быдырмæ цæуын куы райдыдтой, уыцы рæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania