филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:56 пятница, 03 мая 2024
28 ноября 2023, 12:21
Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны ссыгъдæг кодтой, аргъуаны куполтыл цы дзуæрттæ сауынддзысты, уыдон

Зæгъæн ис, æмæ бæстыхайæ 20-æм азты ницыуал баззад

Ирыстоны цæрæг чырыстон адæмæн æхчызгон хъусынгæнинæг. Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны ссыгъдæг кодтой, аргъуаны куполтыл цы дзуæрттæ сауынддзысты, уыдон. Зæгъæн ис, æмæ бæстыхайæ 20-æм азты ницыуал баззад. Сног æй кодтой хæрзгæнджыты руаджы. Фæнд дзы кæнынц саразын, адæмæн лæвар сихор кæныны фадат кæм уа, ахæм хæрзаудæн цæлгæнæн æмæ Покровский моладзандоны музей байгом кæнын. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг епархийы алчыр Герасим ссыгъдæг кодта, сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны кæрты куполтыл цы дзуæрттæ ауыгъд æрцæудзысты, уыдон. Уыцы цаумæ æнхъæлмæ кастысты æнæхъæн æнус. Уымæн æмæ, 1923-æм азмæ цы моладзандон куыста, уый хæлд æрцыд. Ныридæгæн йæ бынаты аразынц ног аргъуан.

Моладзандонæй 20-æм азты, зæгъæн ис, æмæ ницыуал баззад. Уæд афæдз æмæ 6 мæймæ моладзан Ноннæ йæ хотимæ æмæ хæрзгæнджытимæ сног кодта кувæндон. Куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Хъæуы ма дзы æрмæстдæр куполтыл  дзуæрттæ сауындзын. Зæронд моладзандон фæкуыста æрмæстдæр 30 азы, фæлæ йын уыцы рæстæгмæ бирæ бантыст.

200 хойы. Кæй атардтой, æмæ репрессимæ чи бахауд, уыдон. Уыцы заманты сын æнцон нæ уыд. Моладзан Ноннæ куыд зæгъы, афтæмæй уыцы рæстæг тæригъæд никæмæн кодтой.

Моладзандон уыд Олег Кошевойы æмæ Интернационалон уынгты тигъыл. Ам уыдысты моладзанты хæдзæрттæ дæр. Ныридæгæн дзы кæцыдæрты цæрынц адæм. Иннæ бæстыхæйтты хицæуттæ та сæ балæвар кодтой моладзандонæн. Дарддæры куыстытæ та кодтой меценатты ххуысæй. Уыдоны хсæн – Парламенты депутаттæ, стæй арæзтадон компаниты разамонджытæ.

Меценатты егъау æххуысы руаджы бантыст, адæм кæм цæрынц, уыцы бæстыхæйттæ балхæнын. Уымæй уæлдай ма фæнд кæнынц Покровский моладзандоны музей байгом кæнын, саразын, адæмæн лæвар сихор кæныны фадат кæм уа, ахæм хæрзаудæн цæлгæнæн æмæ афтæ дарддæр.

Ныр, моладзандон куы сæхгæдтой, ууыл 100 азы куы рацыд, уæд дзы сарæзтой ног аргъуан. Æмæ тагъд рæстæджы йæ дуæрттæ бакæндзæн уырнæг адæмæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania