филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:19 среда, 08 мая 2024
15 февраля 2023, 11:19
Сырх-Дыгуры арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй юниорты *хсæн

Ерыстæй ссардтой Советон Цæдисы сгуыхт тренер Сабеты Сергейы ном

Сырх-Дыгуры арæзт æрцыд æппæтадæмон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй юниорты *хсæн. Ерыстæй ссардтой Советон Цæдисы сгуыхт тренер Сабеты Сергейы ном. Æрæфы районы æрæмбырд сты 100 æрыгон атлетæй фылдæр Сомихæй, Белоруссийæ, Киргизийæ æмæ Мæскуыйæ. Архайджытæ сæ кармæ гæсгæ уыдысты 10-æй 16 азы онг. Турнир нысангонд æрцыд Сабеты Сергейы хъомылгæнинæгты хъæппæрисæй. Фæлтæрдджын тренер схъомыл кодта дæсгай спортсменты канд Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ Советон Цæдисы алы республикæты дæр. Ерыстæ чысыл Сырх-Дыгурæн систы æцæг бæрæгбонау. Уымæ гæсгæ мадзал аразджытæ æмæ районы разамынд сфæнд кодтой турнир æрвылазон скæнын æмæ архайджыты географи парахатдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania