13 февраля 2024, 10:25
Сырх-Дыгуры ацыд 2-аг æппæтадæмон турнир юниорты хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй
Сбастой йæ Советон Цæдисы сгуыхт тренер Сабеты Сергейы мысæн бонимæ
Сырх-Дыгуры ацыд 2-аг æппæтадæмон турнир юниорты хсæн уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сбастой йæ Советон Цæдисы сгуыхт тренер Сабеты Сергейы мысæн бонимæ. Æрæфы районмæ цæгатирыстойнаг спортсментæй уæлдай ссыдысты 100 æвзонг атлетæй фылдæр Сомихæй, Белоруссийæ, Киргизийæ, Казахстанæй, Мæскуыйæ, Дагестанæй æмæ Подольскæй. Ерысты архайдтой, 10 азæй 16 азы онг кæуыл цæуы, ахæм спортсментæ. Сæ арæхстдзинад равдыстой æрмæст лæппутæ нæ, фæлæ ма чызджытæ дæр. Турнир аразын райдыдтой Сабеты Сергейы хъомылгæнинæгты хъæппæрисæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ зындгонд тренер схъомыл кодта Советон Цæдисы бирæ республикæты спорты мастертæ уæгъдибар хъæбысхæстæй.
темæмæ гæсгæ