филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:36 суббота, 27 апреля 2024
29 марта 2024, 12:43
Сывæллæтты футболон академи «Спартак»-ы хъомылгæнинæгтæн аразынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Афтæмæй сын æфтауынц се спортивон цæттæдзинадыл

Сывæллæтты футболон академи «Спартак»-ы хъомылгæнинæгтæн аразынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Афтæмæй сын æфтауынц се спортивон цæттæдзинадыл. 20 æвзонг спортсмены дыууæ боны æххæст кæндзысты алыхуызон фæлтæрæнтæ, уыимæ кроссфиты элементтимæ. Ахуыртæм хаст æрцыдысты гимнастикæйæ, уæззау атлетикæйæ, дугъы уайынæй æмæ уæзæгтæ исынæй фæлтæрæнтæ.  Дæсныйадæвдисæг ахуыртæ арæзт цæуынц, Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны ерыстæм цæттæ кæныны фæлгæты. Уæвгæ та, нысан кæнынц рæзгæ фæлтæрæн æххæст тренировкæтæгæнæн лагерь саразын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania