филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:29 воскресенье, 19 мая 2024
27 мая 2021, 14:37
Сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуаны арæзт æрцыд æрвылазон турнир шахмæттæй

Ерысты архайынц 250 сывæллонæй фылдæр Цæгат Ирыстоны шахмæтты æппæт скъолатæй

«Æгас цу, сæрд». Ахæм сæргондимæ сывæллæтты сфæлдыстады республикон Галуаны арæзт æрцыд æрвылазон турнир шахмæттæй. Ерысты архайынц 250 сывæллонæй фылдæр Цæгат Ирыстоны шахмæтты æппæт скъолатæй. Турниры сæйраг нысан у – ахуыры азæн хатдзæгтæ скæнын, æмбæлгæ разрядтæ сæххæст кæнын, æмæ республикон ерыстæм бацæттæ кæнын. Уыдзысты июлы. Турнир саразджыты хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ фадат дæттынц рæзгæ фæлтæры спортивон цæттæдзинад фæхуыздæр кæнынæн, фылдæр фæлтæрддзинад райсынæн, стæй ма се хсæн ерысы æнкъарæнтæ гуырын кæнынæн. Партитæ фæцæуынц цыбыр рæстæг. Алкæцы дæр 15 минуты. Турнир фæуыдзæн къуырийы кæрон. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн ратдзысты кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæттытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania