филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:11 пятница, 17 мая 2024
07 июля 2022, 11:52
Тæмискъы дзæбæхгæнæн лагеры байгом фыццаг Æппæтуæрæсеон наукон-техникон олимпиадæ авиамоделированийæ скъоладзауты хсæн

Бацархайдтой дзы 11 командæйы

Тæмискъы дзæбæхгæнæн лагеры кадджын уавæры байгом фыццаг Æппæтуæрæсеон наукон-техникон олимпиадæ авиамоделированийæ скъоладзауты хсæн. Бацархайдтой дзы 11 командæйы. Уый та уыд 50 архайæгæй фылдæр Краснодарæй, Самарæйæ, Ивановойæ, Ростовæй, Санкт-Петербургæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Мадзал байгом кодтой национ зарджытæй æмæ кæфтытæй. Цæмæй олимпиадæ скæной, уый тыххæй мадзал саразджытæ бирæ фæархайдтой. Цалдæр хатты фæсидтысты техникон сфæлдыстады федералон центрмæ. Ерыстæ цæудзысты æртæ боны. Уый фæстæ алы къласы дæр равзардзысты хуыздæр командæ. Дзæбæхгæнæн лагерь «Тæмискъ» хуымæтæджы нæ равзæрстой. Сывæллæттæ ерысты сæ арæхстдзинад кæй равдисдзысты, уый иу, фæлæ ма се нæниздзинадмæ кæй базилдзысты, уый та уæлдай хуыздæр у.

Олимпиадæйы архайджыты хсæн уыдысты фæлтæрдджын тæхджытæ. Виктор Малютин ацы къабазы куыст кæны 20 азæй фылдæр. Цæры Краснодары крайы Петропавловскийы станицæйы. Пенсийы рацæуыны фæстæ дæр йæ уарзон хъуыддаг нæ ныууагъта. Куыд зæгъы, афтæмæй дзы сывæллæттимæ цы къорд кусы, уый иу йеддæмæ нæу. Йæ рауагъдонтæй бирæтæ систы зындгонд тæхджытæ. Архайдтой æппæтуæрæсеон æмæм æппæтадæмон конкурсты. Ацы аз дæр сæ зæрдæ дарынц уæлахизыл. Сывæллæттæн хуыздæр уавæртæ куы уаид, уæд станицæйæ зындгонд адæм дæр фылдæр цæуид.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania