филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:40 суббота, 20 апреля 2024
26 мая 2022, 11:24
Тæрхондоны экспертизæйы лабораторийæн ног бæстыхайы арæзтад райдайдзæн ацы аз

Уый тыххæй фехъусын кодтой юстицийы министрады Координацион советы æмбырды

Тæрхондоны экспертизæйы лабораторийæн ног бæстыхайы арæзтад райдайдзæн ацы аз. Уый тыххæй фехъусын кодтой юстицийы министрады Координацион советы æмбырды. Ныридæгæн лыггонд æрцыдысты цалдæр фарстайы, Президенты амынддзинæдтæ сæххæст кæныны фæдыл. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд, адæмæн юридикон æххуыс кæныны бюро. Радон æмбырды советы уæнгтæ æрныхас кодтой ведомствæты æмгуыстад фæахадгæдæр кæныныл экстремизмæн ныхкъуырд радтыны нысаниуæгимæ. Иу фарста та ма у лыгъд адæмимæ куысты фарста. Нотариалон æхсæнад æмæ адвокаттæ, сæрмагонд операци кæм цæуы уырдыгæй чи æрбацыд, уыдонæн баххуыс кæныныл архайынц фыццаг бонтæй фæстæмæ.

Координацион советы ма æрдзырдтой республикæйы сæрмагонд центртæ саразыны хъуыддагыл. Ома скæнын куысты бынæттимæ, стæй уавæртимæ бынат, тæрхондон растгæнæн куыстытæ бакæныны тæрхон кæмæн рахаста, уыцы адæмæн. Ахæм хæс сæвæрдта Президент. Центртæ саразын у ахст адæмы реабилитацийы ахсджиаг хай, стæй закъонады гуманизацийы хъæугæ амал.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania