филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:00 воскресенье, 12 мая 2024
29 июня 2021, 11:46
Таймазты Артур онлайн-бастдзинады фæрцы фембæлд республикæйы цæрджытимæ

Æркасти 20 курдиатмæ

Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь, Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур онлайн-бастдзинады фæрцы фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Æркасти 20 курдиатмæ. Цæгат Ирыстоны цæрджытæ дзы ракуырдтой алывæрсыг æххуыс. Зæгъæм, цалдæры хъæуы медицицнон æххуыс, кæйдæрты та фæнды йæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын. Уыди дзы курдиат Беслæны рæвдауæндон техникæйæ сифтонг кæнын дæр. Уымæй дарддæр стыр æргом аздæхтой социалон фиддонтæм æмæ ахуыргæнæндæттæм нысанмæ гæххæттытæм. Таймазты Артур куыд бафиппайдта, афтæмæй ныридæгæн цалдæр курдиатыл куыст æрцыд. Уæвгæ та цæрджытимæ фембæлд арæзт æрцыд, Паддзахадон Думæйы депутатты регионалон къуыри æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania