филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 понедельник, 02 ноября 2026
04 июля 2026, 16:07
Тарскæйы архайынц Хъазаны Мады Майрæмы нывы номыл аргъуан сног кæныныл

Азты цыдимæ бæстыхайæн аивта йæ бакаст

Тарскæйы архайынц Хъазаны Мады Майрæмы нывы номыл аргъуан сног кæныныл. Азты цыдимæ бæстыхайæн аивта йæ бакаст. Ныртæккæ йын специалисттæ раздахынмæ хъавынц йæ историон хуыз. Аразджытæ бавнæлдтой куыстыты бæрнондæр къæпхæнмæ —  æвæрынц ын ног тымбыл цар. Аргъуанæн дыккаг цард балæвар кæныныл куыд архайынц, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Цæлцæггæнæн куыстытæ аргъуыдтыты нæ хъыгдарынц. Цалынмæ уырнæг адæм Хуыцаумæ кувынц, уæдмæ специалистты куыст цæуы бæрзонд уæлвæзадыл — тагъд бæстыхайы сæр сæрттивдзæн ног тымбыл цар. Тарскæйы Хъазаны Мады Майрæмы нывы номыл аргъуан арæзт æрцыд 19-æм æнусы астæу — хъæуæн, уæвгæ уæд уыдис станицæ, бындурæвæрд куы *рцыд, уыцы аз. Конд уыдис хъæдæй. 19-æм æнусы кæрон æй рацарæзтой дурæй. Дзуæрттæ йыл бафтыдтой 1890-æм азы.  Ныр куыст цæуы аргъуанæн йæ историон бакаст сног кæныныл.

Советон Цæдисы рæстæг аргъуаны æрбынат кодта культурæйы хæдзар, фæстæдæр та дзы уыдысты хуыйæн фабрикæ, спортивон зал, суанг ма территори хъахъхъæнынады штаб дæр. Уæд хæлд æрцыдысты æддаг къулы хай, дзæнгæрджыты бынат, гыццыл тымбыл цартæ,  бæстыхай сси дыууæуæладзыгон. Æнæвнæлдæй баззад æрмæст астæуккаг тымбыл цар. Æрдæг хæлд аргъуаны аргъуыдтытæ сног кодтой 2000-æм азты.

Аргъуан сног кæныны куыстытæ райдыдтой йæ сæргълæууæджы æмæ уырнæг адæмы хъæппæрисæй. Сабыргай йæ бакаст ивы. Историон цæджындзтæн разынд сæ хуыз. Ныр агъуанмæ ссæуынц дард рæттæй дæр.

Специалисттæ фесты пъолтæ хъармгæнæн системæ иугонд, бавнæлдтой куыстыты сæйраг хаймæ — тымбыл цартæ аразынмæ.

Аргъуан сног кæныны нысантæ сты егъау. Хуыцауы фæндæй, æххæстгонд æрцæудзысты, зæгъы йæ сæргълæууæг. Нырыккон улæфтæй дзаг рагон аргъуанæн ралæууыд ног цард.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania