филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:54 среда, 08 мая 2024
15 марта 2023, 12:11
Тасойты Инал æмæ Хъайтмазты Батраз Мæздæджы районы æвзонг спортсментæн сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ

Тренировкæ уыд станицæ Луковскæйы сывæллæтты спортивон скъолайы

Æппæтадæмон къласы спорты мастертæ, Европæйы чемпион дзюдойæ Тасойты Инал æмæ Уæрæсейы стæй Европæйы чемпионатты призер Хъайтмазты Батраз Мæздæджы районы æвзонг спортсментæн сарæзтой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ. Тренировкæ уыд станицæ Луковскæйы сывæллæтты спортивон скъолайы. Лæппутæн æмæ чызджытæн разминкæ скодтой Хъайтмазты Батрадз  æмæ Тасойты Инал. Равдыстой сын уникалон техникæ. Фæсивæд тынг цымыдисæй хъуыстой зындгонд уазджыты амынддзинæдтæм. Уыимæ архайдтой ног приемтæ бахъуыды кæныныл. Мæздæггаг спортивон скъола «Дзюдо»-йы тренер Александр Швецовы ныхæстæм гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ тынг пайда сты рæзгæ фæлтæрæн. Æмхиц сæ кæнынц æнæниз цардыуагмæ. Уæдæ ахсджиаг у уæлахизмæ тырнын дæр. Кæронбæттæны уазджытæн ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Æвзонг дзюдоисткæтæ та сылгоймæгты æппæтадæмон боны кадæн сувениртæ райстой спорты мастерты къухтæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania