Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг бадомдта, муниципалон, республикон æмæ федералон оргæнты хсæн ахадгæдæр куысты мадзæлтты пълан
Территориалон æххæстгæнæг хицаудзинады оргæнты хсæн æмбæлгæ æмгуыстад нæй. Уый тыххæй фехъусын кодта Сергей Меняйло. Республикæйы Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг бадомдта, муниципалон, республикон æмæ федералон оргæнты хсæн ахадгæдæр куысты мадзæлтты пълан. Уыимæ, æнæмæнгæй хъæуы лыггæнинаг фарстатæ фæнысан кæнын æмæ фыццаджыдæр æргом уыдонмæ здахын. Æппæты фыццаг æмгуыстад хъуамæ хорзырдæм ахада субъекты социалон-экономикон рæзтыл. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло бахаста фæндон, федералон хæслæвæрдтæ æххæстгæнгæйæ иумæйагæй кусын, уæд хатдзæгтæ уыдзысты хуыздæр æмæ ахадгæдæр. Се ппæтæн дæр сæ хæс у иу – адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнын.