филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:51 воскресенье, 05 мая 2024
21 января 2021, 12:08
Терроризмы ныхмæ мадзæлттыл æмæ 2020-æм азы куысты хатдзæгтыл ныхас цыди профилон къамисы æмбырды

Разымынд ын лæвæрдта Битарты Вячеслав. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй 2020-æм азы республикæйы егъау ныхмæлæуддзинæдтæ уагъд не рцыди

Терроризмы ныхмæ мадзæлттыл æмæ 2020-æм азы куысты хатдзæгтыл ныхас цыди профилон къамисы æмæ РЦИ-А оперативон штабы иумæйаг æмбырды. Разымынд ын лæвæрдта Битарты Вячеслав. Æмбырды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй 2020-æм азы республикæйы егъау ныхмæлæуддзинæдтæ уагъд не рцыди. Ивгъуыд азы цы æмбырдтæ цыди, уым сфидар кодтой 299 хъæппæрисы. Бæлвырд мадзæлттæ конд æрцыди, терроризмы профилактикæйы къабазы чи кусы, уыцы бæрнон кусджыты профессионалон цæттæдзинадæн. ЦИПУ-йы æмæ ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты арæзт æрцыди æртæ ахуырадон семинары. Архайдтой дзы 112 адæймаджы. Объекттæ террористтон акттæй куыд хъахъхъæд сты, уый сбæрæг кæныны тыххæй ведомствæты хсæн къамистæ скодтой 631 бæрæггæнæн мадзалы. Фиппаинæгтыл цæуы куыст. Ацы хъуыддагмæ Битарты Вячеслав бадомдта карздæр цæстдард. Хъыгагæн нæ республикæ йæхиуыл банкъардта террор, уымæ гæсгæ, фарстайыл ахадгæйæ кусын хъæуы æрвылбон, загъта Битарты Вячеслав. Æмбырды куыд загътой, афтæмæй æппæт ведомствæты хсæн комплексон пълан активондæрæй æххæст кæнынц цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрадтæ, стæй Горæтгæрон æмæ Мæздæджы районты терроризмы ныхмæ къамистæ. Сæ мадзæлтты æмвæзад фæхуыздæр кодтой культурæйы, физкультурæ æмæ спорты министрад, стæй фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет. Къамисы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, ам ахсджиаг у мадзæлтты бæрц нæ, фæлæ республикæйы цæрджыты зианхæссæг къордтæм цæуынæй бахизын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania