филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:15 вторник, 03 ноября 2026
12 марта 2020, 18:25
Томайты Шамиль хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намыс»-ы майданæй

Йе 80 азы юбилейы бон хæрзиуæг райста нæ республикæйы сæргъæлууæг Битарты Вячеславæй

Бирæ азты æнæзæрдæхудт фæллойы тыххæй  республикæйы хистæрты Советы сæрдар Томайты Шамиль хорзæхгонд æрцыд «Ирыстоны намыс»-ы майданæй. Йе 80 азы юбилейы бон хæрзиуæг райста нæ республикæйы сæргъæлууæг Битарты Вячеславæй.

Йæ арфæйы загъд уыд –«Ирыстоны цæрджыты номæй дын арфæ кæнын. Алы азты ахадгæ фæллой кодтай нæ республикæйы кадæн, ныртæккæ дæр куыд æхсæнадон архайæг де вæрæн хæссыс рæзгæ фæлтæры национ æгъдаумæ гæсгæ хъомылады».

Йæхирдыгæй юбиляр загъта бузныг нæ республикæйы сæргълæууæгæн, цардархайды алы къабазы райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссы, уый фæдыл.

Томайты Шамиль райгуырд Нартыхъæуы 12 мартьийы 1940-æм азы. 1959-æм азы иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис бастдзинады училищæ, фæстæдæр та æфсæнвæндаджы техникум, фæссаууæнмæ ахуыр кодта Ростовы æфсæнвæндаджы транспортон институты. Иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæцис марксизм-ленинизмы партион скъола (Журналистикæйы факультет). 1976-æм азæй куыста «Автодор»-ы системæйы, уырдыгæй æрвыст æрцыд Транскавказы фæндаджы арæзтад æмæ рацарæзтмæ. Куыста мастерæй, прорабæй, инженерæй. 1993-æм азæй сси арæзтадон иугонд «Россия»-йы хицау. Уым дарддæр дæр арæзта фæндæгтæ, æмæ зæйтæй чи хъахъхъæны, ахæм галерейæтæ. Пенсийы ацæуыны агъоммæ та куыста арæзтадон фирмæ Эколог»-ы. Йæ иумæйаг фæллойы фæндаг у 50 азы. Ныр дæр Шамиль у нæ республикæйы царды  активон æхсæнадон архайæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania